Ис мæнмæ гитарæ ныр - айтынг ма ут, къултæ! Нæ уыдзыстут... уæгъд мæ фыдхъысмæтæй! Алыг ма кæнут мæ хурх, алыг кæнут нуæрттæ - Ма мын аскъуынут æрмæст мæ æвзист тæнтæ! Æз ныххаудзынæн дæлзæхх, кæцыфæнды сахат, Исчи æвзонг кары сæрыл куы зæгъид ныхас! Мæ удмæ лæбурынц, ныттыттой йæ хайгай - Ма мын аскъуынæт æрмæстдæр мæ æвзист тæнтæ! Фæлæ байстой гитарæ, йемæ - мæ сæрибар, - Нæ састæн, хъæр кодтон: «Æнаккæгтæ, цъаммартæ! Ныссæстат мæ цъыфы, ныппарут мæ доны - Æрмæст ма аскъунут мæ æвзист тæнтæ!» Ай, цы æрцыд, æфсымæртæ! Нал фендзынæн æви, Нал дæр рухс бонты цæхæр, нал мæйдар æхсæвтæ?! Бабын кодтой мæ зæрдæ, байстой мæ сæрибар, - Æмæ ныр та аскъуыдтой мæ æвзист тæнтæ...
© Земфира Бзыкова. Translation, 2014