Ногæй горæты змæлдмæ, фæндæгты тыхстмæ Мах æрыздæхæм - хорз уа æви æвзæрдæр. Афтæ цъитийы сæрæй æрцæуæм бынмæ, Æмæ хæхты ныууадзæм нæ зæрдæ. Уæдæ афтæмæй аивæм тохæй, Æз мæхион фæндагыл цæуын. Хохæй адджындæр уыцы хох у, Кæцы никуы ма фембæлд дæуыл. Зæгъ, кæй бафæнддзæн иунæгæй базонын мæт? Стæй, кæй бафæнддзæн бамбæхсын удæн йæ фæндтæ? Æмæ цъитийы сæрæй æрцæуæм бынмæ - Нæй гæнæн, суанг ма зæдтæ куы 'рхизынц дзæнæтæй. Уæдæ афтæмæй аивæм тохæй, Æз мæхион фæндагыл цæуын. Хохæй адджындæр уыцы хох у, Кæцы никуы ма фембæлд дæуыл. Цас бæллиццаг æнхъæл æмæ диссаджы дзырд æмæ зард Хæхтæ райхъал кæнынц æмæ баззайын семæ хонынц. Фæлæ 'рцæрæм бынæй - чидæр азмæ, æндæртæ -цард, Уый у уымæн æмæ, æнæ раздæхгæ адæм нæ зонынц. Уæдæ афтæмæй аивæм тохæй, Æз мæхион фæндагыл цæуын. Хохæй адджындæр уыцы хох у, Кæцы никуы ма фембæлд дæуыл.
© Дзерасс Асламурзаев. Translation, 2014